Ехх, ды та нæ бамбæрстай мæ фæндтæ,
Иу бон загътай: «Мауал рацу азæр»...
Ногæй та дзуапп авæрдтай кæмæндæр,
Стæй дын уайтагъд уый дæр та æрбавзæр...
Кодтай-иу зынæрвæссон ныхæстæ,
Иуы ивтай иннæмæй æнцонæй...
Фæлæ атахт, сонт дымгæйау, рæстæг,
Абон — ног бон — ахицæн ызнонæй.
æмæ ныр куы бахудынц дæ фæдыл,
Уæд æз та мæхинымæр ыстыхсын.
Хатгай дын фæцæйбарын дæ рæдыд,
Фæлæ... зæрдæ уал сайдæн нæ быхсы.