КÆМ МЫСЫНЦ ДÆУ...
Цæй бæрц хъуыддæгтæ ферох вæййы царды!..
Лæг уаргъбастау йæ бæллицтæ фæхæссы,
Æмæ, куыд фæзæгъынц,
кæм аленк кæны царвы,
Кæм сагъæсты, гуырысхоты ныргъæвсы.
Йæ хъуыдытæ йын тохы уæз æрцахсы,
Æмæ йæ дæлзонд баззайынц æмбæхстæй
Ныййарæджы хуыз,
Рагфынты цъæхдзаст чызг,
Йæ балцвæндаджы райдайæн цъæх фæзтæ...
Фæлæ йыл искуы уады хъæр куы сниуы,
Йæ къах куы скъуыры фæндæгты быцæуыл,
Куы ныхситт кæны уазал дымгæ риуы,
Ехх, уæд лæджы куыд æрфæнды фæцæуын
Йæ зонгæ фæз,
йæ гуырæн къуым, йæ хъæумæ —
Кæм мысынц дæу,
Кæм дæм кæсынц æнхъæлмæ!