Афтæ вæййы царды дæр, гъе, арæх,—
Чи фæхъæуы, чи вæййы хæд-зонд,
Уый йæхи кæйдæр цæстмæ нæ хъары,
Къахыфындзтыл не слæууы бæрзонд.
Иннæ та йæ быцъынæг фæтоны,
Намыс, кадмæ агуры уæгъд фæд...
Фæлæ ды куыд æртондзынæ хъоло,
Кæд æрыскъæф агурыс, гъе уæд?..