Æмæ ныр дæр æнкъардæй бадт
Тузар сæ кæрзы бын æнцад.
Цы 'рцыд Тузарыл, уый нæ зыдта,
Рысти йæ сæр æмæ хъæрзыдта.
Йæ мад дæр лæппуйæн фæтарст
Æмæ йын дохтырмæ фæраст.
Нана цы кæна, уый нæ зоны,
Йæ къæхтæ йын æхсы тæвд доны...
Уæдмæ дын иу рæсугъд гæлæбу
Сæ кæрты 'рбатæхы,— нæ лæппу
Цырд фестади æмæ йæ фæстæ
Ызгъорынмæ фæци æдæрсгæ...
Æвдадзы хос ын уый фæцис:
Æрбайсæфт уайтагъддæр йæ низ.