Цæмæй дзы йе 'мбæлттæ хъæубæстæм
Хъæбулы арфæтимæ здæхой
Æмæ былысчъилæй мæ фæстæ
«Сæгъæй сæныкк гуыры» нæ зæгъой!»
Куывта сæрддон мæйрухс изæры
Мæ фыд кæддæр мæ фæдыл афтæ.
Æмæ нæ ныллæгцар къæсæрыл
Къæмдзæстыгау ныр хизын, хъавгæ...
Кæсы мæм, ног цыма кæддæрау,
Мæ фыд фæсахсæвæр нæ хуыссы,
Æмæ, рæвдауæджы æфхæрдау,
Мæнмæ йæ уæззау ныхас хъуысы:
«æгас куы нал вæййы ныййарæг,
Уæд ын æрæмбарут йæ зынтæ,
Уæд ма уæм рог фæсмон æрхъары...
Фæлæ æгайтыма фæзындтæ!..»