ЦАРДЫ БЫЦÆУ
Фæлмæн уддзæф цъæх зиллаггонд уылæнтæй
Тылд сабыргай цæугæдоны уæлцъарыл,
Кæсагахсæг ныллæг къардиуæй хъавгæ
Ныппæрста малмæ уаллонконд къæдз æнгуыр
Сæртæг кæсаг цæттæ лæвар æнхъæлæй
Ныккомдзаг кодта уаллоны фæлмæн буар,
Фæлæ æндон рисс банкъаргæйæ дзыхы,
Йæхи фыр тæссæй аппæрста фæстæмæ...
Нæ баурæдта æнгуыры лыстæг бос,
Фæсонтыскъуыди цардисæг риуыгъдæй,
Æмæ æд æнгуыр афардæг и кæсаг...
Æрдæгфынæй мал сау зилдухтæ уадзы,
Цыма цы 'рцыд, уый бамбарынмæ хъавы...
«Уæууæй»,— нæты кæсагахсæг, уынæргъы,
Мæстæй фыцы лыстæг æнгуырыбосмæ...
Сæртæг кæсаг хъуынайы бын ныббырыд,
æмæ хъæрзы æндон æнгуыры риссæй.
Уый нал баууæнддзæн уаллоны мæнг буарыл:
О, уыцы уаллон, уый уыди фыдбылыз!..
Фæлæ ,цымæ, цы хъуыды кодта уаллон —
Кæсагахсæг æй æнгуырыл куы сагъта?
Кæнæ æгасæй ленкгæнгæйæ доны
Куы бахаудтаид кæсаджы дæндæгтæм,
Цымæ йæм уæд куыд фæкастаид уый та?..