Фæлæ хъал, сыгъдæг æрыдон
Химæ уый нæ уадзы 'мгæрон,
Дуртыл æй ныццæвы знæтæй.
Згъоры, абухы: «Куыд уæнды
Чъизи дон мæ ирд уылæнты
Ныр йæхи найын æдасæй?!»
Фæлæ лакъон дон нæ лæууы,
Дзуры: «Мæн дæ цыт нæ хъæуы,
Ма у хъал дæ ирд, дæ асæй,—
Æз уæгъд уылæнтæ нæ хæссын,—
Æз дæсгай тонтæ æрæхсын
Алы сахат дæр хæзнатæ.
Уæд дæ цæсгом загъд куыд хъæцы?—
Ды вæййыс куыстхуыз мæ фæрцы
Æмæ хайджын дæ мæ кадæй».