Фæлæ арв æваст фæхъулон,
Атар бæстæ мигъы цæндтæй.
Дымгæ 'рвон денджызы уылæн
Зæхмæ рахаста пырхæнтæй.
Стæй та раирд, уарындоныл
Скалдта хуры тын цæхæртæ...
æз кæнын хъуыдытæ боныл,
æмæ банкъарди мæ зæрдæ,—
Уый хъаймæт, мыййаг, нæ хонын,
æз нæ тæрсын уазал, митæй,—
У тæссагдæр — мартъи-бонау
Адæймаг куы уа фæлитой...