ÆЦÆГ УАРЗТ
(Мусса Джалилæн)
Цымæ, цæуыл, цæуыл уыди дæ хъуыды,
Тæссаг сахат дæ фыдгулты æхсæнмæ
Куы фехъуыстай æвирхъау уац дæ бæстæй:
Зæгъгæ, ды уым – дæ Райгуырæн рыст зæххыл –
Кæмæй хордтай фæдисы бон хæстон ард,
Кæй охыл уыд дæ мæлæтдзаг фæстаг тох –
Уым дæ нымад ды адæмы ызнагыл?..
Фæлæ циу уарзт,
Ды уый тыххæй куы уарзай,
Кæй уарзынц дæу!..
Нæ,
Уарзтай ды дæхæдæг,
Æцæг уарзтæй дæ Фыдыбæстæ уарзтай,
Æмæ уый уыд дæ ахсджийагдæр лæгдзннад!..