Рæстæг кæд уысмæй нæ барстат...
Кæд нæ домдтат цардæй бирæ...
«Цъыкк-цъыкк-цъыкк...» – ызгъорынц азтæ,
«Цъыкк-цъыкк-цъыкк...» – кæнынц æртхъирæн...
Зилы бонты суд нæ сæрмæ,
Æмæ уый хивæнд æууæлтæн
«Цъыкк-цъыкк-цъыкк», – дæтты дзуапп зæрдæ,
«Цъыкк-цъыкк-цъыкк», – туг зилы уæнгты...