О бæлццон сидт!
Мæ къух дыл нæ систон,
Уадз бынуарз лæг мæ фыдкой кæна
Æмæ дзура фыдæлты æмбисонд:
«Тулгæ дурыл нæ хæцы хъуына...»
Фæлæ атахт сæртæг зынг мæ сæрты
Æхсæвы буар цæрдхуынкъгæнгæ, дард,
Æмæ 'рлæууыд мæ зæрдыл
Зестын пецы тæрс-каухалæн арт...
Мад— хъæбул цух...
Æрдæгсыгъд æхсидав
Кæд цæхæры ыслæууыд уырдыг,
æмæ дзурыс: «Цæудзæнис нæм чидæр...
О мæ хуры фæрдыг!»