Нарты разагъды Уырызмæг!
Нарт дæу куы 'взарынц тæрхонæн,
Уæд ныр цавæрдæр хъуымыздзых
Дæу æмхæтæгæн куыд хоны?!
Ма тæрс фегадæй мæ сæрæн,
Рæвдздæр, мауал кæс æрхуымæй,—
Аргъ куы нæ кæнай кæстæрæн,
Уæд æгъдау домæн нæй уымæй!
2. АЦÆМÆЗ
— Нарт! æгъгъæд нымайут джихæй,—
Кæд æнæ уаргæ нæ уадзынц,
Уæд мæ хистæрты бындихæй
Мæн хъæуы æрмæстдæр уадындз!
Гъей, нæртон къуыпных фæсивæд!
Ахсут хъазты фæзæн Сау рындз,—
Æз быныуæрстæй уæ симдæн
Райстон бурæгъæдæй уадындз!
Гъей, уæлхох цæрæг Агуындæ!
Нарт кæд не 'рвæссой мæгуыртыл,
Уæд æрхондзынæн нæ куывдмæ
Æз сыгъдæгзæрдæ сæгуытты.
Уалæ сау хохы бæрзонд рындз
Махæн рог уддзæф æрвитдзæн,—
Уыдон фаг аргъ кæнын зонынц
Зæрдæйы бæллицтæн!
3. УАЦАМОНГæ
Мæлгъæвзæгтæ, хъуыддагхуыз кадвæлгъаутæ,
Хæлæф кæнут — дзырды бар уæм æрхаудта!
Æмæ цы сты нæртон цытджын лæгты раз
Сымах разæй
Ацæмæз
йе Батырадз
Уæ дзыхты руаджы
Нарты стыр Ныхасы?
Фæлæ цы 'рцыд,—
цы уæ ныууыгъта тасы?
Уый тæрхоны
Сатанайы урс цонгæй
Æрхызти фынгмæ нарты Уацамонгæ.
Нæ бацæудзæн уый къулбылæй уæ размæ,
Уый фезмæлдзæн æрмæст
Æцæг Ныхасмæ.
Уый хъусы дардмæ
зонды хъæр,
ныфсы хъæр,
Æмæ йæ сисдзæн
зондджындæр,
ныфсджындæр!