Кæнæ-иу доны былтыл кафгæ
Куыд арвыстам æнæхъæн бон,
Кæнæ мæйрухс æхсæвты арвмæ
Куыд хастам стъалытæн тæрхон.
Сæрдыгон майы бур хъæндилтæй
Куыд арæзтам тыртырæгтæ,
Кæнæ зымæгон ногуард митæй
Куыд амадтам лæджы нывтæ...
...Фæтахти уаддымгæйау рæстæг,
Мах йемæ дард рæтты хæсгæ.
Фæлæ та райгуырæн хъæубæстæм
Æрцыдтæн къорд азы фæстæ.
Æмæ дзы рагæй кæд нæ уыдтæн,
Уæддæр ма, тæккæ хъæугæрон,
Ызгъоры раздæрау нæ уынгты,
Йæ сусæг зарæг кæнгæ дон.
Фыццагау акъаци бæлæсты
Сыф-сыфмæ хъусыныл фæдæн,—
Цыма нæ фæхицæны фæстæ
Кæнынц сæ хабæрттæ мæнæн.