logo

М О Я    О С Е Т И Я



   ХÆХБÆСТЫ ФАРН

  1. Сæууон азæлд
Ныццавди цирхъ
Æхсаргарды æндоныл —
Ныййазæлыд  сæууон   булæмæргъ комы,
Æмбæхсы тар йæ фæдджийы пырхæнтæ,
Æмæ хуынæн
нæуæг райгуыргæ бонæн
Æрхæссынц хуры с' айнæг цæнгтыл хæхтæ.
«Гъе-гъей, гъе-гъей-й!» —
Хи хойы къæйтыл азæлд,
Цыма тындзы фæдисхъæргæнгæ барæг.
«Гъе-гъей-й!» —
Уый у цъæхбазыр рухсы базард?
Æви фынхæлд æхсæвы хъарæг?

«Гъе-гъей!» —
Хъæр фегуырд араугæ мæ цуры,
Цыма цæф маргъ цæгъды йæ систæ фæхстыл.
«Гъе-гъей, гъе-гъей!..» —
Æгомыг царды фæстæ
Кæд къæдзæхты æрфæндыди фæдзурын?!

2. Дзуры æрдæгкалд мæсыг
Нынкъуысæд зæхх —
Æз калдсæрæй лæудзынæн
Æвдисæндар ныгæд маст æмæ цинæн,
Сымахæн æз рæстаг цæджындз уыдзынæн,
Хæхбæсты фарн —
Æфсарм æмæ лæгдзинад!

æз федтон тох. æз тохæн конд æрцыдтæн.
Мæ быны цард уыд тох æмæ фæдисон.
Фæлæ нæ уыд лæджыхъæдæн æвдисæн
Æрмæст æлвæст кард,
топхосдон бæрцы тæвд...

Уый раджы уыд,
Фæлæ ныр дæр æндзæвы
Мæ хæлд хъустыл —
куыд æхситт кæны цæвæг
Мæ бынмæ арф, нæузад æмдзæхгæр къулыл,
Уынын ныр дæр:
Æндон къæдзæхмæ бастæй
Хæххон хосдзау фæсалгæрдæг ныккарста
Æмæ йæ халгай къуымрæбынмæ тулы...
Уынын ныр дæр:
Мæ сæрмæ хурсыгъд рагъыл
Хæххон лæппу
хъæбæрхоры хуымгондæн
Хъæдын мæцъисæй къæйдуртæ фæлдахы.
Хæххон чызг ссæуы айнæгыл æд гогон...
Уынын ныр дæр:
Мæ кæрты, зилгæ хъазты
Хæххон барæг йæ саулохыл æрхъазыд:
Тæхгæ-тæхын йæ бæхы бын фæныгъуылд,
Æмæ цыма чысыл цæстыфæныкъуылд
Йæ бынмæ фестад уæлдæфæй нывæрзæн:
Йæ къухы февзæрд зæхмæ 'ппæрст
кæлмæрзæн,
Æмæ цæргæсау хъазты фæзыл азылд...

О, мысын æз:
Кæцæйдæр салд хæррæгъты
Кæддæр æрбафтыд сурæггаг лæг хæхтæм.
æмæ йыл хъæу йæ хъæбулау æрынгом,
æхсæны йын цæрæнбынат æрцахстой,
Хæдзар ын сарæзтой.
Фæкодтой йæ цæрынхъом,
Хъæу-ирæдæй йын бинойнаг æрхастой...

О хохаг лæг!
Мæ уæхсчыты цыргъ къæйтæй
Дæ къухты туг цæхджын-таппузтæй хъары,
Дæ уаргъ нындзыг и сау хæхты æккæйттыл,
Дæ тыхулæфт мæ дур-риуы æнкъарын.
Фæлæ нæй иу тигъ, иу къуылдым ыссарæн,
Кæм нæй йæ кой дæ удуæлдай æфсармæн.

3. Дзуры сæрсæфæн ком
Уый федтон æз:
Уынгæг фæдыл мæ сæрмæ
Хæрхæмбæлд
тугисæг йæ туджджынимæ фесты.
Йæ бæх фæзылдта туджджын лæг æфсæрмæй
Æмæ йæхи мæ къæйрæбынмæ фехста.
Цæргæсау коммæ ратахт бæх æд барæг...
Æз адæргæй нынкъуысыдтæн:
«Мæ бо-оны-ыл!..»
Фæлæ дæ уарзон ахæм гуырд ныййарæд! —
Æрвон барæгау багæпп кодта доны!..
Æруагъта саргъыл
тугисæг йæ гæрзтæ.
«Мæ туг дын — барст! —
ныхъхъæр кодта йæ фæдыл,—
Зылдтæн æз афæдз марынмæ дæ фæстæ,
Фыццаг хатт сиу нæ къахвæндаг.
Фæлæ дын
Ныр дзырд дæттын:
Кæм дæм разынди уыйас
Ныфс æмæ 'фсарм,
уым ис мæныл хæсы фарн,
Æмæ цæуæм, æгас хæххон хъæуы раз
Зæгъын дæуæн
Æфсымæр!»

4. Дзуры фыдæлты мæсыгыл
 уагъд къухвæд

Цымытийы иу мæсыджы къулыл
баззад егъау къухвæд – æвæццæгæн,
мæсыгамайæджы къухæвæрд.

æз къухвæд дæн æрмæст.
Фæлæ нæ дæн æнæуд.
Мæ армы хæххытæ сты царды таурæгъ
дзурæг.
Мæн никуы бадаргъ чынд фæндаггон лæгмæ
курæг,
Мæныл æфсæнбыдæй хъадамантæ нæ лæууыд.
Фæлгæсыс дисгæнгæ мæ дуры уагъд
Æнгуылдзыл...
О, ацы къæйтæ сты уæнгдыхæй ист мæ армыл.
Æз хъуамæ кодтаин ныв-галуантæ.
Ныббар мын...
Фæлæ хъуыдис мæн тох
Æлвæст кардæй
дæ гуырдзыл.

5. Цырт æмæ  барæг
Барæг:
Дур æркалдзæн йæ цæссыг —
Ам цы бæллæх æрцыд:
Къæйыл бафæлдæхт мæсыг,
Фæлæ не 'рхуыссыд цырт.

Рацыд мин азы хъуамæ...
Ам кæй балц-дугъ æруад...
Мæнæ цыртыл къахт хъама
Хъисгай бахсыдта уад.

Ц ы р т:
Гъей, уæлбæхæй æрхизæг!
Мæрдты ма 'рымыс ам:
æз дæн царды æвдисæн
æмæ царды нысан.

æз дæн дурын нывæрзæн,
æмæ хъахъхъæнын ном.
Чи уыд,
нæу уый зын фæрсæн:
Лæг!
Сыгъдæгуд, æргом.
Хин нæ хаста йæ сæрмæ,
Къулбæрзæйæ нæ цыд.
Дар, фæндаггон, дæ зæрдыл —
Ам цы хъуыддаг æрцыд:

«Лæг нæу фыд æмæ цармæй,—
Ам ныхъхъæр кодта лæг,—
Кæд нæ фæтарстæ цардæй,
Уæд тæссаг нæу мæлæт!»

6. Дзуры хæххон фæндаг
— æз дæн фæндаг. Фæнда дæ йе нæ
фæнда —
Хæсс де рагъыл бæлццæтты уаргъ. æвдисæн
У хабæрттæн цæрæнбонты. æууæндаг,
Рæстаг æмæ фæлывд лæгæн æмриссæн,
Æмуырдгуытæм, æмхæрдтæм хонæг у,
Æсæрст сæмæнтæй царды хъыгыл ку,
æмдзæгъд кæн циныл къæйтыл хост
цæфхæдтæй.,.

Фæндырдзагъды æвзарджыты дæсныдæр
Куы бакæсид мæ риуыл фыст къæхтыхъæр,
Уæд æй, йæ цæссыг асæрфгæйæ, схонид
Бæлццон дунейы цардæгас симфони.

æз дæн фæндаг, хæххон фæндаг. æд дуртæ .
Мæн сау къæдзæхтæй ахизын фæнды:
Æвæд хъæдтæ, тыгъд быдырты уæнтыл,
Зæххы къорийы денджызтæ 'мæ фурдтыл
Рæстаг дзыллæ кæрæдзимæ куыд хонон.
Æрмæст кæронмæ
фæндæгты тæрхоны
Куыд уон нымад хæххоныл.

Мæнæн нæу иппæрд дзыллæтæй мæ амонд
Садойнаг райсом
Дæ хæс цытджын æмæ егъау у
Æрдз æмæ адæймаг
Геолог
Фæндараст
Рæмудзæг
Кæуыл æрцыди цинад, хъыг
Зæхх
Бабыз
Мæгуыр
Уылæнтæ
Дæтты быцæу
Мæ фыд йæ ивгъуыд бонты цытæн
Изæрон хъуыды
Фын
Куы ссудза стъалы
Арты раз
Уæлæ йæ цъæх хъæбыс арвæн
Бæрз
Зарæг нывæндгæйæ
Куы уаид алцыдæр æнцон...
Рæстдзинад
Баууæнд мыл
Кæддæр-иу мын исты куы радта мæ фыд
Мартъи бон
Уый хуыздæр уыд
Хъ. Мыртазæн
Фæскуыст
Амонд
Зонын, «уарзын», зæгъгæ, 'васт
Бæлон
Ехх, дæ рус мæ русыл андзæвд,
Фахсыл
Зæгъ-ма...
Æрыскъæф
Æз хурæн
Фæлтау
Зæрдæ уал сайдæн нæ быхсы
Лекцийы фæстæ
Фæндыр
Зокъо
Миниуæг
Булæмæргъ
Дзæгъæлдзых
æнгуз
Хъæд æмæ фæрæт
Тузар æмæ гæлæбу
Æнæрхъуыды
Æнæкъæдзил рувас
Номæвæрæг
Фæндагыл
Уый кæд æз нæ уыдтæн...
Лæг фæразы йæхи уды риссæн
Мæныл цæуы фынддæс милуан азы
Тæссæй
Мæскуыйаг   хæлæрттæм
Мæ мады ингæны уæлхъус
Чызджы сагъæс
Нымайы сахат...
Ногбонты арфæ
У дæ фарн кæуылты
Мæ чызгмæ
Хæхтæ
Мæ фыды цыртыл
«Сæрд  æрцыд,  сæрд  æрцыд»
Хæст
Зарæджы тыххæй
Мæ кусæг æмбæлттæм
Чызгæрвысты
Хæххон лæппуйы зарæг
Артдзæст
Зонды тыххæй
Æвзонгдзинад
Ныхыл тадысты хиды æртæхтæ
Лæг хиуарзон  у...
Бæргæ, дæхимæ  искæцæй æрбакæс
Мæ фыдмæ
Æцæг уарзт
Газет кæсгæйæ
Терчы был
Зæрватыкк
Зæрдæ! Ды æвдисæн
Æз мæ фæндты тахтæн æмæ  тахтæн
Мыдыбындз
Æххормаг
Мæ мадмæ
Сонет абадгæ  чызгæн
Сонет
Сонет сылгоймагæн
Хъуыддаг æмæ ныхас
Сонет хæхтæн
Фыдæлтæ æмæ мах
Хæхтæм æрыздæхгæйæ
Гимн хæдзары æфсинтæн
Сидт хъæлдзæг дзырдмæ
Быдырон хъуыдытæ
Цард зоныны тыххæй
Гутон æмæ кард
Зынг
Аргъау
Райсом раджы гаккукгæнаг
Ис зæрдæйæн дæр гомриу арвау стъалытæ
Цæуын æз сау зæххыл...
Мæгуыргур   никуы   уыдис   Иры
Фæстаг тæрхон
Æз хæхты райгуырдтæн
Ирон кафт
Кæм мысынц дæу...
Бонрухсы гимн
Сагъæс æнæзонгæ æмбæлæгыл
Къаххынæр
Фæндаджы тох
Денджызы хъазтæ
Фæндаджы уæз
Адæм кæрæдзи уарзынц...
Дугъон
Хæххон кæсаг
Царды быцæу
Моладзан-хох
Хъæриуы хохы рæбын
Сæгуыт
Ис ахæм лæг хæхты...
Цыхтахсæг
Хъуылæджы уынæрмæ хъусгæйæ
Райгуырæн къæсæрыл
Къæсæры  Уастырджи!  Дæ  рынтæ!..
Æнæхуыссæг æхсæб
Хъæууон райсом
Алæмæт-диссæгтæ
Мæ рагбонты хæлармæ
Нæртон удыхъæд
Хæхвæсты фарн
Æрдæгфыст чиныг