Арф йæхимæ хуры тынтæ исы,
Æмæ, цыма йе стыр хæс фæхаты,—
Сабыргай йæхимидæг æнхъизы,
Стæй æлутон стыр лæвæрттæ ратты.
...Царды фæндтæ базырджын кæм нæ сты,
Æмæ æз мæхинымæр фæзæгъын:
«Уа цæмæй æцæг хъæбул йæ бæстæн —
У поэтæн ахуыргæнгæ зæххыл».