М О Я О С Е Т И Я
Фахсыл бурсæр дидинджытæн Дымгæ аба кæны сонтæй. Уæлæ Садоны цæрджытæн Бæлас акуывта бæрзондæй.
Зарынц боны цинæй мæргътæ, Зæрдæ райы ног æнтыстмæ! Кæс, æд карбидон цырæгътæ Уайынц шахтертæ сæ куыстмæ.