Мæ бæстæ у æрмдзаг æрмæстдæр,
Æрмдзаг – къæйриу хæхты хъæбысы,–
Æгомыг цъититы тых фæзтæм
Фынк-рагъ цыбæл дæттæй кæм бырсы,
Кæм лæууын кæны зæрдыл азæлд
Нæ хæхты ивгъуыды æмбæхст ныв,
Цыртæн фыдæлты цард кæм баззад
Къæдзæхдур ахстæттæй нæ фæхстыл,
Кæм у нымаддæр кадæй уазæг,
Кæм у фæразон лæг йæ рыстæн,
Фæлæ кæм нæу зæрдæйæ уазал, –
Уый у мæ райгуырæн Ирыстон!