Мæ зынгхуыст æфсымæр
Тепсарыхъойы номыл
«Гаккук-гаккук»,— даргъ кæрдо бæласыл
Райсом раджы гаккукгæнаг уасыд.
«Гаккук-гаккук,
Уæ чызджы мын раттут!» —
Урсных саби кæйдæр фæзмгæ хъазыд...
Урсных сабийы сау низ фæхаста,
Атахт гаккуччы уастау йæ раст уд,
Федта 'рмæстдæр æнæзонгæ уарзтæй —
«Гаккук-гаккук,
Уæ чызджы мын раттут!»
Саудзыкку чызг сæ цъæх кæрты хъазы,
Гаккукгæнаг сæ кæрдойæ уасы —
«Гаккук-гаккук»...
Ис ахæм æмбисонд:
Чи нæ банызта уарзты æртæхæй,
Чи нæ федта йæ царды æмбисбон,
Уый йæ нывгонд бæллицмæ æртæхы
Æмæ мигъбазыр маргъы æнгæсы
«Гаккук-гаккук»,— фæкалы йæ цæссыг.