РОМАНТИКОН æМДЗæВГæ
Æз мæхи дæ хъарм æрттыл,
Ир, цъындæй нæ мысын.
Мæн ныййардта арвæрттывд
Цъитийы хъæбысы.
Урс æврæгъты базы бын
Хурмæ судзгæ 'ртахæй
Донхауæны базырыл
Дунемæ фæтахтæн.
æз фæдадтон уады риу,
Мемæ сты æмкарæн
Мастисæг уагъд фаты ниуд,
Саст æрдыны хъарæг.
æмæ басыгъд тарсты зын,
Тугдадзинты баззад:
Ме сфæлдисæг — уарзты зынг,
Дард сагъæсы азæлд.