БАБЫЗ
Фарон сæрды шахтæмæ
Кусынмæ куы цыдтæн,—
Зæрдæ цинæй рад æмæ
Хъуыдыты ныгъуылдтæн:
«Ам хæзнатæ къахдзынæн!..»
Уалынмæ мын загътой,
Бабызыл, дам, ласдзынæ
'Рзæт нырма уал шахтæй...
Æз фæдæн уæд бустырдæм,
Ме стыр цин фæмынæг...
«Цæй, зæгъын, цы кусдзынæн?
Ма кæнут хынджылæг!..»
Шахтертæ мæ бамбæрстой
Æмæ худынц, хъазынц:
Махæн, дам, нæ бабызтæ
Тонтæ дæр фæразынц!