БОНРУХСЫ ГИМН
Æхсæв, рагхæлд фынау, комивазгæйæ сæфы,
Боны гомцæсгом рухс
ивы сусæг æхсæвы...
Байрай, чи у æргом!
Бонæн йе 'ргом æнгасы
Рухсы ризгæ тын хъазы,
Дуне сулæфыд рог...
Цыма цины цау федта —
Хæхтыл калы тæмæн
хур—зынгзæрдæ планетæ.
Барджын, хибар æнгас,
Æмæ йе 'ппæт æууæлтыл
У бæлвырдæй бæрæг —
хур цæуылдæр æууæнды…
Нæй æнæ 'ууæнкæй ныфс.
Æз æууæнддзынæн хурыл.
О æнæхуысгæ рухс,
Æз дæ фæзындмæ кувын!
Ноггуырд саби кæугæ
рухсмæ дисæй фæлгæсы,
Дуне, дуне, дæуæн
уый дыууæ хуры 'рхæссы —
Тынты-хауты æхсæн
гом æрттивгæ цæстытæ!
Згъоры хæдзæрттæм рухс,
Адæм сурынц сæ фынтæ.
Æмæ базмæлыд цард,
хуртæй сæрттывтой уынгтæ:
Æрдз цы скодта хуыздæр,
уый æмбæхстæй нæ дардта
Æмæ алкæмæн дæр
хи дыууæ хуры радта.
Лæг цæмæй уа лæгæн
рæвдз кæдфæнды æххуысмæ
æмæ 'ууæнчы зынгæн
царды ма уа æрхуыссæн!