Знон изæр та бафиппайдтон: хъазты
Ды хæцыдтæ магуса къуыдиппыл,
Уый дæумæ йæ худы бынæй касти
Æмæ худти хъалхуызæй йæ мидбыл.
«Ахуыргонд у»,— загътай дзы кæмæндæр,
Æмæ худгæ 'руадыстут мæ рæзты...
Æз, сæттын ыл, институт нæ фæдæн,
Фæлæ царды никуы дæн къæмдзæстыг.
Зон, зын фæндаг равзæрстон æз барæй,
Абон къахын хохы бын хæзнатæ...
О, зæгъин дын: «Ма мæм кæс, чызг, тарæй,—
Ахуырæн дæр æз зæронд нæма дæн».
Фæлæ цæй... мæ рæстæг ма цы сафон? —
Ды ныр дæр та фезгъорыс йæ фæдыл…
Уый — дипломджын, зоны зарын, кафын...
Æмæ цæр... Мæн де 'взæр цард нæ фæнды.
Уый хуыздæр уыд... Мæн нæ хæры катай—
Æз мæхи егъаудæр цардыл хъарын.
Дæу диплом хъуыдис æмæ йæ ссардтай,
Кæд æз дæр æцæг æмбал ыссарин.