ИС АХÆМ ЛÆГ ХÆХТЫ...
Мæсыгтигъ хæххон хъæу,
Уыгæрдæн-фæз рæгътыл —
Кæцыфæнды ран дæр ис ахæм лæг хæхты:
Æрмæстдæр ын радзур —
кæмæй дæ,
кæцон дæ,
Æмæ дын фыр цинæй æрхæцдзæн дæ цонгыл:
«Нæхи лæппу куы дæ!
Цæуæм-ма нæхимæ!» –
Дæ фыдимæ
Кæнæ дæ фыды фыдимæ
Уый царди хæларæй,
Йе разынд дæ хæстæг.
Æмæ дын нæ кæны æфсоны ныхæстæ,—
Къæссы фарнæн баззад ирон хъæуы уазæг.
Фыдæлтон сыкъайы дын рахæсдзæн нуазæн,
Æрæвæрдзæн хойраг зырнæйзылд тæбæгъты...
Ис ахæм æмбæлæг,
Ис ахæм лæг хæхты:
Фæдзурдзæн дын номгай æнæсгæрст
къуыбыртæ,
Æрисдзæн дын мæсгуыты тулдзын гуыдыртæ,
Фæкæндзæн дын таурæгъ æнæном лæгæтыл,
Æнаххос уды маст,
Хъайтары мæлæтыл...
Ис ахæм æмбæлæг...
Цæудзынæн мæ къæхтыл
Ныфсджынæй —
цы бонмæ
Уа ахæм лæг хæхты!