Ис зæрдæйæн дæр гомриу арвау стъалытæ,
Æууæнчы, уарзты, циндзинады стъалытæ,
Æмæ сæ рухс цы бонмæ судза алырдыгæй,
Уæдмæ нæу тас йæ миддунейæн сталынгæй.
Фæлæ лæгæн йæ хорз зонгæ, йæ хорз хæлар
Куы райдайы фæливæн митæ алы хуызы,
Уæд нал тавы уый æртыты бæстондæр арт —
Æууæнчы стъалы ахуыссы.
Æмæ цæф цъиуау зæрдæ баргъæфсы,
Ныттымбыл вæййы дурау, цалынмæ
Кæйдæр сыгъдæг ми 'рбахæссы
Хъæрмуст тын риуы талынгмæ.