ÆНÆРХЪУЫДЫ
(Индиаг аргъаумæ гæсгæ)
Арф мæскъ-донмæ саг ныххызти,
Банызта, фæлæ йын нал уыд
Схизæн, æмæ уыд тæссаг ран.
Рувас февзæрди йæ тыхстмæ,—
«Цæй, дæуыл рæстырдæм ауд,—
Загъта бустæхуызæй сагæн,—
Ахæм рогдзæф сæр кæуыл уа,
Уый — нæ йыл хъæуы ныхас дæр —
У фыдæбойнаг йæ къæхтæн,—
Схиздзынæ æви нæ, уый уал
Базонын хъуыди дæу раздæр,
Стæй ныххызтаис уæд æрхмæ!»