Рог сæхи цæргæстау фехсынц,
Рыджы адугъ кæнынц цырд...
Фæлæ раиртæстон —
се 'хсæн
Иу нæ фаг кæны бæлвырд,—
Ам æз семæ зæхх нæ нæмын...
Сывæллæттæй байдзаг фæз,
Фæлæ фиппайын —
Æнæмæнг,
Ам æнæмæнг хъуыдтæн æз...
Мæйрухс хохрæбын æрхуыссы,
Цыма рох артдзæст фæсарт,
Донбыл цъæх обауæй хъуысы
Фæсивæды зард.
Æмæ кæд нæ дæн хъырнынæн,
Гъе уæддæр æууæндын æз,
Гъе уæддæр хъæуы — уырны мæ —
Уым мæ дæрзæгбын хъæлæс...
Фæлæ авæййын æдзæмау,
Цыма сайдæмбылд фæдæн:
Ам, цъæх æфсирæн кæрддзæмау,
Ды нæ фаг кæныс мæнæн...