Нæ уыд æвзистарæзт йæ рон дæр,—
(Нæ тарст йæ æмзæрæдты фауæй),
Уæддæр æй хъæу хуыдтой ирон лæг,
Ирон-зæрдæ æмæ æгъдауæй.
Æз ын йæ дзырд мæ зæрдыл дарын:
«Уындæй нæй кад, мæ хур, нæ зæххыл...
Цæмæй дæ хоной адæм уари,
Хъæуы дæу уый тыххæй ыстæхын!»