Зын у мæ хæс,
Фæлæ сæркъулæй агуырд номы бæсты
Сыгъдæгуд царды азарæй мæ номыл сбадæд сæг.
Куыдфæнды уæд, фæлæ мæ зарæджы
нывгонд ныхæстæ
Уыдзысты уацамонгæ — раст тæрхон хæссæг.
Æнхъиз, о ме 'рвон ронг! æмæ цæстмæхъус
кады аууон
Мæнгдзурæг лæджы 'фсæст былтыл ды
ма ныууадз дæ фæд.
Фæхæсс дæ нæртон фарн, æлхæнгæ удтыл
макуы баууæнд.
Уæд ныфс — дæ аходæг, рæстдзинад уæд —
дæ фæтк.
ЗАРæГ ФæДИСОН æНУСЫЛ
Зарынц бæлццæттæ фæндаджы даргъыл,
Зарынц фæндæгтæ рæстæджы уаргъыл.
Зæхх йæ хох-къухтæ ивазы арвмæ,
Рахауд стъалы цъæх денджызы арфмæ.
Ирд бæгъæввад æртæхтæ
Зарынц урсриу æврæгътыл.
Зарынц уадсаст бæлæстæ
Систыгъд бархи цæргæстыл.
Змæлы дуне фæндаггоны змæлдæй,
Ризы дуне тырнæг зарды зæлтæй.
Зарынц фæндæгтæ рæстæджы уаргъыл,
Зарынц бæлццæттæ фæндаджы даргъыл.
Мысы рох зынтæ амонд,
Згъоры фидæнмæ абон.
Дæттæ фурдтыл æмбæлынц,
Алчи сгары йæ бæллиц...
Алчи рæстæг йæхи барстæй бары:
Чи йæ зæрдæ зæххы фарныл хъары,
Чи зæххон уарзтæн скарста фыдвæндтæ
æмæ зæрдæтæм кардæй нывнæлдта.
Чи кæйдæр мастыл риссы,
Чи кæйдæр амонд исы...
Цæгæй ратоны баст тых,
Судзы, сгуыппæввонг карз тох,—
Тох — хæрам æмæ уарзты æндзæвдæй.
Зæхх рæмыгъдæввонг ризы æргъæвдæй,
Зонд ын хъахъхъæнæг баззад.
Къæрцхъусæй
Хъусы дуне фæдисон æнусмæ.