Фæлæ зылд иу райсом цыдæр сагъæс мæ риуы,
Куыст цыд æрвылбонау, фæлæ тыхстæн, æмæ мын
Цыдæр нæ фаг кодта...
Æппынфæстаг мæ зæрдыл
Æрлæууыд: ацы бон йæ лæдзджытыл быцæуæй
Къæсхуыр, хъуыдыдзаст лæг сæ дуармæ
нæ бадти...
Фæскуыст сæ рудзгуытыл сындæг мæ цæст
Æрхастон,
Фæлæ нæ разынди.
Дыккаг райсом дæр уынджы
Нæ бадт æд лæдзджытæ. æртыккаг бон дæр
афтæ…
Æмæ цыдæр сагъæс ныффидар ис мæ риуы,
Цыма зынаргъдæр уысм фæхицæн и мæ
цардæй...
Æз та йын афтæмæй нæ базыдтон йæ ном
дæр...