logo

М О Я    О С Е Т И Я



 НОМÆВÆРÆГ
(Аргъау)

Кæд, кæм уыди — нæу бæрæг,—
Иу лæгæн фырт райгуырд,
Æмæ рабалц кодта лæг
Номæвæрæг агур.

Уыд æнæкæрон йæ цин,
Сæр бæрзæндты хаста...
Мæнæ иу хъæдбын фæци
Уастырджи йæ размæ.

Загъта лæг: «Дæ фæндаг раст!»

  1. «Хорзæй цæр мæ фæндйаг!

Аипп ма фæуæд мæ фарст:
Чердæм у дæ фæндаг?»

  1.  «Райгуырд иунæг фырт мæнæн,—

Загъта лæг йæ фарстæн,—
Æмæ номæвæрæгæн
Агурын æз раст лæг».

— «Раст лæг?  Ей, уæдæ, Хуыцау
Ауды дæ удыл,—
Уастырджийæ растдæр, ау,
Кæд æмæ кæм уыди?

Мауал саф дæ рæстæг, цом,—
Кæд нæ дæ æрра лæг,
У мæнæн æвæргæ ном,
У дæ фырт мæ хъанаг!»

— «Ау, куыд рахонон дæу раст,
Кæд фыдгæнæг хъалтæ
Ам, дæ куывддоны цур раст
Сæргæвстой мæ галтæ?!

Æмæ абон дæр цæрынц,
Худынц мыл  фæсаууон,
Барухс сын кæныс ды рындз,
Стауыс  сæ Хуыцауæн...

Нæ, дæу раст ысхонæн нæй»,—
Загъта   лæг   æмæ  та
Дарддæр адардта фæрнæй
Иунæгæй йæ фæндаг.

Бон... дыууæ... цыди уæддæр,
Уыд йæ сагъæс йе 'мбал,
Уалынмæ та йыл кæмдæр
Фосфæлвæра фембæлд.

— «Байрай!» — радта йын салам.
Уый дæр:   «Хорзæй  бацæр!
Хатыр бакæн, фæлæ, дам,—
Циу йæ сæр дæ балцæн?»

— «Райгуырд иунæг фырт мæнæн,—
Загъта лæг йæ фарстæн,—
Æмæ номæвæрæгæн
Агурын æз раст лæг».

— «Раст лæг? О, уæдæ дæ балц
Ацы ран фæхицæн,
Дарддæр агурын ныууадз,—
Растдæр нæй мæхицæй.

Кувынц дзыллæтæ мæнæн,
Мæн фæмысынц хорзæй,—
Æз сæ удыл хæцæг дæн,
Бафсадын сæ фосæй»...

Дзырд нæма фæци æххæст,
Афтæ лæг фæцырди:
«Уаид тынг хорз, фæлæ æз
Не 'ууæндын дæ дзырдтыл,—

Феххуыс мæгуыртæн кæм хъуыд,
Уым сын ды цы 'рхастай? —
Иунæг далыс ма мæм уыд,
Уый дæр зæй фæласта.

Дæу дæр раст ысхонæн нæй»,—
Загъта лæг æмæ та
Дарддæр адардта фæрнæй
Иунæгæй йæ фæндаг.

Ацыд дзæгъæлы йæ бон,
Нæй та раст лæг ам дæр...
Стæй та иу хъæуы кæрон
Удхæссæгыл амбæлд.

– «Цавæр бæстæй дæ цæуæг,—
Бафарста,— кæм уыдтæ?»
Æмæ уымæн дæр та лæг
Радзырдта йæ хъуыддаг...

– «Уæдæ дæу Хуыцау фæрнæй
Раст фæдыл æрхаста:
Ацы дунейыл мæнæй
Не ссардзынæ растдæр».

– «Ау, куыдæй хъуамæ уай ды,—
Лæг ын загъта,— раст та,
Сидзæр сабиты фыды
Кæд тæккæ знон айстай?

Кæд сæ фарсмæ та цæрынц
Хъæздгуытæ фæрныгæй
Æмæ худæгæй мæлынц
Сабитæн сæ хъыгыл?»

— «Æз  Хуыцауы дæлбар дæн,—
Нæу рæстмæ дæ хъуыды,—
Уый кæмæй зæгъы мæнæн,
Æз фæхæссын уыдон».

— «Нæ, дæуæн æфсон нæу уый,—
Загъта   лæг,— æлхæдæй
Чи кусы мæнгардæн, уый
У мæнгард йæхæдæг!»

— «Хъус-ма, хорз лæг, зон дæ ран!
Ды мæ фыдæх ма дом,
Кæд дæ фырт ысуа мæ хъан,
Конд у уæд уæ амонд.

Науæд   радзурдзынæн   æз
Ацы   цау  Хуыцауæн,
Æмæ исдзæн уый йæ хæс,—
Уый нæ уарзы фауын!»

— «Исын æз мæлæт рæстæй,
Сис  ныр  дæр  дæ  хъама,
Демæ æз уæддæр хæстæг
Ма   бакæнон   хъуамæ! —

Загъта лæг,— дæ хъаст хæсгæ»...
Арасти   æдæрсгæ,
Æмæ баззади кæсгæ
Удхæссæг йæ фæстæ...

Лæг та иунæгæй цæуы,
Стæй кæсы 'мæ уæртæ
Иу ран фæндагыл лæууы
Ифтыгъдæй бæхуæрдон.

Ноджы уæрдоны уæлхъус —
Цавæрдæр бызгъуыртæ.
Дзурынц иу лæг æмæ ус,—
Стыхстысты цæуылдæр.

Къаннæг сабитæ лæууынц
Фæададжы был дарддæр,
Æмæ иууылдæр кæсынц
Уæрдонмæ æнкъардæй.

– «Адон   базонон  хæстæг,—
Лæг сæм бауад цырддæр,—
– Уæнт уæ хъуыддæгтæ рæстмæ! —
Загъта,— циу уæ дзырддаг?»

– «Адон дурзæрдæ æлдар
Расырдта нæ комæй,—
Сидзæр сабитæ — цыппар,
Стæй рынчын сылгоймаг.

У сæ дарддæр фæндаг зын,—
Загъта лæг,— уый зонын
Æмæ сын уæрдон дæттын,
Фæлæ йæ нæ комынц».

– «Цæй, куыд æй райсон æз дæр,—
Загъта   ус,— фæрсын   дæ,
Кæд  дæхимæ   дæр   æндæр
Ницы   ис   æппындæр?»

— «Æз лæг дæн æмæ уæддæр
Истытæ   кæндзынæн,—
Иунæг   дæн   æмæ мæ   сæр
Исчердæм   хæсдзынæн».

Бæлццон дæр сæм джихæй каст,
Бирæ   сæм   фæхъуыста,
Стæй уæд загъта:— «Раст дæ, раст,
Хорз лæг, у æххуысхъом!..»

Æмæ сын йæ хабар уым
Райдыдта   уæд   дзурын...
— «Мæнæ,— загъта,— ныр уынын
Раст   адæм   мæ   цуры,

Æмæ   бакæнут   хатыр,—
Бафтыдта йæ дзырдыл,—
Фæлæ цомут, хорз лæг, ныр
Сæвæр ном мæ фыртыл».

Мæнæн нæу иппæрд дзыллæтæй мæ амонд
Садойнаг райсом
Дæ хæс цытджын æмæ егъау у
Æрдз æмæ адæймаг
Геолог
Фæндараст
Рæмудзæг
Кæуыл æрцыди цинад, хъыг
Зæхх
Бабыз
Мæгуыр
Уылæнтæ
Дæтты быцæу
Мæ фыд йæ ивгъуыд бонты цытæн
Изæрон хъуыды
Фын
Куы ссудза стъалы
Арты раз
Уæлæ йæ цъæх хъæбыс арвæн
Бæрз
Зарæг нывæндгæйæ
Куы уаид алцыдæр æнцон...
Рæстдзинад
Баууæнд мыл
Кæддæр-иу мын исты куы радта мæ фыд
Мартъи бон
Уый хуыздæр уыд
Хъ. Мыртазæн
Фæскуыст
Амонд
Зонын, «уарзын», зæгъгæ, 'васт
Бæлон
Ехх, дæ рус мæ русыл андзæвд,
Фахсыл
Зæгъ-ма...
Æрыскъæф
Æз хурæн
Фæлтау
Зæрдæ уал сайдæн нæ быхсы
Лекцийы фæстæ
Фæндыр
Зокъо
Миниуæг
Булæмæргъ
Дзæгъæлдзых
æнгуз
Хъæд æмæ фæрæт
Тузар æмæ гæлæбу
Æнæрхъуыды
Æнæкъæдзил рувас
Номæвæрæг
Фæндагыл
Уый кæд æз нæ уыдтæн...
Лæг фæразы йæхи уды риссæн
Мæныл цæуы фынддæс милуан азы
Тæссæй
Мæскуыйаг   хæлæрттæм
Мæ мады ингæны уæлхъус
Чызджы сагъæс
Нымайы сахат...
Ногбонты арфæ
У дæ фарн кæуылты
Мæ чызгмæ
Хæхтæ
Мæ фыды цыртыл
«Сæрд  æрцыд,  сæрд  æрцыд»
Хæст
Зарæджы тыххæй
Мæ кусæг æмбæлттæм
Чызгæрвысты
Хæххон лæппуйы зарæг
Артдзæст
Зонды тыххæй
Æвзонгдзинад
Ныхыл тадысты хиды æртæхтæ
Лæг хиуарзон  у...
Бæргæ, дæхимæ  искæцæй æрбакæс
Мæ фыдмæ
Æцæг уарзт
Газет кæсгæйæ
Терчы был
Зæрватыкк
Зæрдæ! Ды æвдисæн
Æз мæ фæндты тахтæн æмæ  тахтæн
Мыдыбындз
Æххормаг
Мæ мадмæ
Сонет абадгæ  чызгæн
Сонет
Сонет сылгоймагæн
Хъуыддаг æмæ ныхас
Сонет хæхтæн
Фыдæлтæ æмæ мах
Хæхтæм æрыздæхгæйæ
Гимн хæдзары æфсинтæн
Сидт хъæлдзæг дзырдмæ
Быдырон хъуыдытæ
Цард зоныны тыххæй
Гутон æмæ кард
Зынг
Аргъау
Райсом раджы гаккукгæнаг
Ис зæрдæйæн дæр гомриу арвау стъалытæ
Цæуын æз сау зæххыл...
Мæгуыргур   никуы   уыдис   Иры
Фæстаг тæрхон
Æз хæхты райгуырдтæн
Ирон кафт
Кæм мысынц дæу...
Бонрухсы гимн
Сагъæс æнæзонгæ æмбæлæгыл
Къаххынæр
Фæндаджы тох
Денджызы хъазтæ
Фæндаджы уæз
Адæм кæрæдзи уарзынц...
Дугъон
Хæххон кæсаг
Царды быцæу
Моладзан-хох
Хъæриуы хохы рæбын
Сæгуыт
Ис ахæм лæг хæхты...
Цыхтахсæг
Хъуылæджы уынæрмæ хъусгæйæ
Райгуырæн къæсæрыл
Къæсæры  Уастырджи!  Дæ  рынтæ!..
Æнæхуыссæг æхсæб
Хъæууон райсом
Алæмæт-диссæгтæ
Мæ рагбонты хæлармæ
Нæртон удыхъæд
Хæхвæсты фарн
Æрдæгфыст чиныг