Бонвæллад уæрджытæм
Мæйы айдæн рахауд.
Æмæ, ехх, фæрнджындæр
Дуне фестад аргъау!..
Халонбадæн къæйыл
Аргъæутты бæстæйы,
Талынгмæ бæлгæйæ,
Рувас хурмæ срæйы.
Донбеттырты комы
Саудалынг мæйдары
Уазал къада-доны
Арс æнгуырæй дары.
Худы фæрвы хихæй
Æхсæрæг йæ мидбыл.
Рагæпп кодта тигъæй
Здыхтсыкъа дзæбидыр...
Паддзахы рæсугъд чызг —
Йе 'мхъæздгуыты фауæн —
Радта уарзты хъусцæг
Артзæрдæ фыййауæн.
Раст лæг фос фæкодта,
Хин лæг арты бахауд…
Ехх, мæ сонты бонтæ —