Акувын мæ сæрæй бæрзæн,—
Къæйыл авæрын мæ «хæдзар»,
Далæ коммæ хауы 'хсæрдзæн,—
Уый дæр ме 'рдхорд у, мæ хæлар.
Дымгæ мын фæкæны батæ,
Уарзынц мæ бæрзонд къæдзæхтæ.
Сгарын алы ран,— хæзнатæ
Агурын сæ хуылфы хæхтæн.
Цыма схъомыл дæн ам семæ,
Цыма 'рвад дæн кæмттæн, фæхстæн —
Арæх уыдонæн æз, семау,
Базонын сæ арф æмбæхсæн.