Фесæфт йæ цинбæллиц фырт —
Нал хуыссы мад æхсæв...
Хъæлдзæг,
зæрдæйæ ист дзырд,
Мады цæссыг æрсæрф!
Ныхы тызмæг уырынгтыл
Сайд чызджы риумæ 'рхиз
Æмæ йæ бауырнын кæн —
Царды æууæнк кæй ис!
Кусæг сæрфы йæ худæй
Цæстыты хид...
Фæзын
Æмæ йын хъæлдзæг худтæй
Алидзын кæн йæ зын!
Бадзур зæронды хъусы,
Сагъæс куы кæна, уæд —
Дуне кæй у æнусон,
Цинæн кæй нæй мæлæт!
Фесхой фыййауы уадындз,
Уазал былтыл æрбад!..
Адæм фæссагъæс уадзынц
Зæрдæты стыр фæллад!