logo

М О Я    О С Е Т И Я



ГИМН ХÆДЗАРЫ ÆФСИНТÆН

Хъæуы  уынджы   æнæнхъæлгæ  фембæлды
«Цомут   мидæмæ»,— дзуры   лæг  йе'мбæлттæм.
Бафсæрмы сты,— бæрæг у сæ уæнг-зынæй,
— Фæлæ — размæ, — лæг хоны æууæнкджынæй.
Уый нæ уыди йæ хæдзары райсомæй
Ацы   талынг   изæрмæ,
Фæлæ тас нæу фæрсаг уайдзæф райсынæй:
Уазæг буц уыдзæн — дары йæ зæрдæ.
— О, æгас цæуат, замманай уазджытæ! —
Æфсин цингæнгæ рауад сæ размæ,
Æмæ  кæрты  цывзыкъоппа  уасджытæ
Хъусынц тарстæй йæ фæлмæн ныхасмæ...
Æфсин   батылдта  тагъд-тагъд  йæ  дыстæ…
Хыссæ, хаст фысау, арынджы рафæлдæхт,
Норст   бæгæны   цæрæнбоны   арфæтæн
Зивæггæнгæ   йæ  хуыссæнæй   сыстад,
Фынгыл   дзагæй   бæркадхъуыр   графин
Æфсæрмгæнгæ   рахид,
Нуры   хъазгæ-æртхъирæнау  дуды,
Нарст   уæлибæх   бæзджынбылæй   худы,
Тулдз  тæбæгъы   æнæхъæнфых  уасджытæ
Ракъуыпп   кодтой   сæ   нард  фæрстæ уазджытæм…
Карз сидтытæ…
Хæдзары æфсин та
Мидбыл худгæ æрлæууыд фæссимдау…
Уый æндæрбонтæ федта йæ царды…
Нæй   нæлгоймаг  æрдæгконд  хæдзары.
Æфсин  бады — æхсæв дæр  нæ хуыссы,—
Зилы цалхы  къуыдырæй  æрмгуырой,
Дымгæ  сойын  цырагъмæ  лæбуры,
Хæлдфын   сабитæ  къуымы  дзыгуырæй
Скъæфынц цæстытæй  къæлуайы  бур  рыг...
Тар   æндæргтæ ма   хъазынц  æмбæхстытæй,
Боны рухс таг нæма 'ртасыд рæгътыл,—
Афтæ æфсин  æруагъта  йæ уæхсчытæй
Суджы æргъом — æрдæгцъæл хъæллæгътæ...
Фæлæ мæнæ хъæу райынц йæ цинæй,—
Ссыди   хæдзары  дарæг!
Æфсин раппæрста йе скъуыдтæ цинел,
Æмæ   базмæлыд  дзагхъæбыс   арынг…
Номы   сидтытæ....
Айсут   мæ  сидт  дæр,
О нæ Иры хæдзары æфсинтæ!
Ут   æнæниз   цæрæнбонты   дзагкъухæй,
Цины  куывдты  фæкæнут  хъæуваг  тухæн,
Ма фæхъуызæнт уæ къæбицтæм зинтæ!

Мæнæн нæу иппæрд дзыллæтæй мæ амонд
Садойнаг райсом
Дæ хæс цытджын æмæ егъау у
Æрдз æмæ адæймаг
Геолог
Фæндараст
Рæмудзæг
Кæуыл æрцыди цинад, хъыг
Зæхх
Бабыз
Мæгуыр
Уылæнтæ
Дæтты быцæу
Мæ фыд йæ ивгъуыд бонты цытæн
Изæрон хъуыды
Фын
Куы ссудза стъалы
Арты раз
Уæлæ йæ цъæх хъæбыс арвæн
Бæрз
Зарæг нывæндгæйæ
Куы уаид алцыдæр æнцон...
Рæстдзинад
Баууæнд мыл
Кæддæр-иу мын исты куы радта мæ фыд
Мартъи бон
Уый хуыздæр уыд
Хъ. Мыртазæн
Фæскуыст
Амонд
Зонын, «уарзын», зæгъгæ, 'васт
Бæлон
Ехх, дæ рус мæ русыл андзæвд,
Фахсыл
Зæгъ-ма...
Æрыскъæф
Æз хурæн
Фæлтау
Зæрдæ уал сайдæн нæ быхсы
Лекцийы фæстæ
Фæндыр
Зокъо
Миниуæг
Булæмæргъ
Дзæгъæлдзых
æнгуз
Хъæд æмæ фæрæт
Тузар æмæ гæлæбу
Æнæрхъуыды
Æнæкъæдзил рувас
Номæвæрæг
Фæндагыл
Уый кæд æз нæ уыдтæн...
Лæг фæразы йæхи уды риссæн
Мæныл цæуы фынддæс милуан азы
Тæссæй
Мæскуыйаг   хæлæрттæм
Мæ мады ингæны уæлхъус
Чызджы сагъæс
Нымайы сахат...
Ногбонты арфæ
У дæ фарн кæуылты
Мæ чызгмæ
Хæхтæ
Мæ фыды цыртыл
«Сæрд  æрцыд,  сæрд  æрцыд»
Хæст
Зарæджы тыххæй
Мæ кусæг æмбæлттæм
Чызгæрвысты
Хæххон лæппуйы зарæг
Артдзæст
Зонды тыххæй
Æвзонгдзинад
Ныхыл тадысты хиды æртæхтæ
Лæг хиуарзон  у...
Бæргæ, дæхимæ  искæцæй æрбакæс
Мæ фыдмæ
Æцæг уарзт
Газет кæсгæйæ
Терчы был
Зæрватыкк
Зæрдæ! Ды æвдисæн
Æз мæ фæндты тахтæн æмæ  тахтæн
Мыдыбындз
Æххормаг
Мæ мадмæ
Сонет абадгæ  чызгæн
Сонет
Сонет сылгоймагæн
Хъуыддаг æмæ ныхас
Сонет хæхтæн
Фыдæлтæ æмæ мах
Хæхтæм æрыздæхгæйæ
Гимн хæдзары æфсинтæн
Сидт хъæлдзæг дзырдмæ
Быдырон хъуыдытæ
Цард зоныны тыххæй
Гутон æмæ кард
Зынг
Аргъау
Райсом раджы гаккукгæнаг
Ис зæрдæйæн дæр гомриу арвау стъалытæ
Цæуын æз сау зæххыл...
Мæгуыргур   никуы   уыдис   Иры
Фæстаг тæрхон
Æз хæхты райгуырдтæн
Ирон кафт
Кæм мысынц дæу...
Бонрухсы гимн
Сагъæс æнæзонгæ æмбæлæгыл
Къаххынæр
Фæндаджы тох
Денджызы хъазтæ
Фæндаджы уæз
Адæм кæрæдзи уарзынц...
Дугъон
Хæххон кæсаг
Царды быцæу
Моладзан-хох
Хъæриуы хохы рæбын
Сæгуыт
Ис ахæм лæг хæхты...
Цыхтахсæг
Хъуылæджы уынæрмæ хъусгæйæ
Райгуырæн къæсæрыл
Къæсæры  Уастырджи!  Дæ  рынтæ!..
Æнæхуыссæг æхсæб
Хъæууон райсом
Алæмæт-диссæгтæ
Мæ рагбонты хæлармæ
Нæртон удыхъæд
Хæхвæсты фарн
Æрдæгфыст чиныг