У æ л м е с: Уæууа, нæ дæн æвдæлон…
Ус ракуырдта ме 'фсымæр...
Косеры радтой Дзæппойæн...
Къуылдынты Дзæбе йæ усы фæнадта...
Зæли Гугуйы сусæггаг фæдзырдта...
(Гуырдзыбеты Бласка, «æдули»).
Хуыссæн нал систа æххæст,
Цъылын баззад рыджы,
Афтæмæй та — уæлæ кæс —
Февзæрд уый нæ уынджы.
Уæртæ сыхæгты усæн
Алæууыд йæ разы,
Дзуры йын: «Цымæ Муссæ
Верæйы куыд уарзы?
Радта чызг æндæрæн дзырд,
Уарзон ын уыд раздæр»...
Аивта йæ ныхас цырд,
Ноджыдæр фæкарздæр:
«Хъусаг дам-думтæм нæ дæн,
Фæлæ, дам, æцæгæй,
Йе 'фсины тыххæй Лубæ
Ахицæн йæ лæгæй».
Тигъыл иннæрдæм фæраст,
Дондзаутыл æрбамбæлд
Æмæ райдыдта æваст
Хахуыр кæнын ам дæр.
Загъта: «Дысон, дам, Даухан
Йе 'фсины фæнадта,
Гæбæтийæн, дам,
Елхъан Ирæйы нæ радта...
Мæхæмæтæн, дам,
Фаруз Алыгъди йæ фæдыл...»
Иу цыбырныхасæй, ус
Аххæссыд æппæтыл...
«Хъусаг дам-думтæм нæ дæн,
Дам-думтæ нæ хъæуы» —
Афтæ радзуры, бæргæ,
Фæлæ дзых кæм лæууы...