Ме 'мбæлццон
Хъодзаты æхсарæн
Зымты уаст — сусæг катайау,
Хæхтæ — бæрзонд, сæрыстыр.
Къултыл чырынтæ куатæйы
Апырх хъæугай Ирыстон.
Мигъ-цæргæс урссис базыртæй
Схæцыд сындæг Хъæриуыл...
Рæгътæ мæ бынмæ — каузылдæй,
Иунæг бæллиц — мæ риуы:
Бавæр, ныуулæф зарæджы
Иры сæрвæлтау зæрдæ!
Къуылдымтыл, комы нарæджы
Судзгæ фæтæх зынг зæлтæй!