Мад хуыдта мæн рагацау «инджинер»,
Мад йæ бæллиц ме 'скасты уыдта,
Мад!..
Йæ дæрдджын къабайы фæдджийæ
Уый мæнæн цыбыр хæлаф хуыдта...
Чи сдæрзæг и халас бæхы рохтыл,
Уыцы къухæй хойгæйæ мæ уæхск,
Фыд дзырдта: «Ысуыдзынæ ды дохтыр...»
Æмæ цин йæ ныхы 'нцъылдты 'мбæхст...
Фæлæ 'ндæр, æндæр балцы нæ уынгты
Мæн хуыдта мæ нудæсæм фæззæг...
Æз æфсæддон хъахъхъæнæг лæууыдтæн, –
Æз æвгæдтон хæхты бын æрзæт, –
æз мæцъисæй цъити-къултæ къахтон...
Фæлæ риуы арф хъуыды хуыссыд,
Æмæ-иу куы айзæлд комы тагъд дон,
Мæй-иу тары комрæбын куы ссыгъд,
Уæд мæ фæндты тахтæн æмæ тахтæн...