Фæлæ...
Уый циу? —
Æрбайхъуыст
Музыкæ,
зæрдæтæ къахгæ:
Чырыны, саст бæлæгъау,
Схойы æнгом уæхскуылæн...
Æмæ сæхи бæллæхау
Адæм æркуывтой уымæн.
Иугæндзон къаххъæр банцад,
Нал комы уарзт æмбæхсын,
Фегом сæ хъыджы дзаг цад —
Сæрттывта рустыл цæссыг...
Фæлæ фыдæлтæй баззад:
Зианæн у цин æфсымæр...
Мæрддзыгой тигъæй базылд,
Аджихау уынг фæсуынæр,
æмæ ныййазæлд фæндыр,
Чындзхонтæ систой зарæг —
Уарзты хъысмæт æвзарæг
Цардмонц удты æмвæндыл.
Цыма зæрватыкк цъиутæ
Айхъуыстой йе змæлд мадæн —
Рудзгуытæй худынц адæм,
Урс дидинджытæ — цинтæ
Калынц æвзонг æмбæлттыл...
Ахæм рæсугъд æмбæлдыл
Цæуджытæ райынц цинæй,
Амондхæссæг чындзимæ
Худæн ныхæстæй хъазынц...
Адæм кæрæдзи уарзынц,
Фæлæ сæ уарзт æмбæхсын
Зæрдæты бын фæразынц...