æз къахтон зæхх æрвдзæф бæласы схъисæй.
Фæлæ куыстмæ куы батылдтон мæ дыстæ,
Уæд бахъуыд мæн хæссын мæ уæхскыл искæй,
Æмæ нæ зыдтон, адæймаг кæй ысдæн...
Æфхæрдтой мæн... æлхæдтой мæн ныхæстæй,
Æз та сæркъул, æгомыгæй лæууыдтæн,
Кæнæ цыдтæн, идадз-бæхау, сæ фæстæ,
Æмæ нæ зыдтон, дзурынхъом кæй уыдтæн...
Мæныл цæуы фынддæс милиуан азы,
Мæ номæй у фæлдисæг æрдз сæрыстыр.
Уæддæр ма хатгай абырын мæ фазыл,
Æрбайрох кæнын, адæймаг кæй ысдæн...