Сæрыстыр чи кæны йæхиуыл!
Йæ цардæй чи зæгъид: «æгьгъæд у!..»
Фæлæ уыд иунæг мæт дæ риуы:
«Цы уыдзæн сидзæрæй мæ хъæбул!..»
Æз та æхсидгæ царды рæзтæн,
Æмæ кæд номдзыд лæг нæ рауад
Мæнæй,
Уæддæр нæ фæдæн раууат,
Æмæ дын бафидин дæ хæрзтæ.
Фæлæ куыд?...
Халас зæхх æмбæрзы...
Хур арвгæрон ныгуылы мигъы...
Бæргæ дын балхæнин кæлмæрзæн,
Бæргæ,– куы ма æмбарис ихæн!