СОНЕТ
Фыдæлты хотых — топхосдон бæрцытæ
Уæлæдарæс, уынды дзаума куыд сысты,
Сывæллон хъама йе 'рттывдæй куыд мысы,
Сонет, нæ дугмæ афтæмæй æрцыдтæ.
Фæлæ рæвдз лæуу,— хъæуы нырма дæ хотых:
Поэт фæдисæй де 'лвæст дзырдмæ сиды,—
Кæд сызгæ арц, уæддæр æргъæвд зæххон тых
Ракетæтæй æрвон тыгъдадты зилы.
Тызмæг у цард... Кæдмæ хъæдхъуыр трибунтæй
Кæнгæ дзырды цæнгæт уынаффæ хъуыса,
Зæхх йе 'дзаг уа бынатагур тæппудтæй,
Æнæхъуыды куырмыты бын æнкъуыса,
Æмвæндаг уой рæстуд æмæ мæнгард,—
Æхсиддзæн туг, æндзæвдзæн кардыл кард!