Уый хардзау халонмæ фæкаст,
Æрбадт бæрзонд нæзы бæласыл
Æмæ, ныхъуыргæйæ йæ маст,
Хæр-хæрæй булæмæргъмæ уасы:
«æрвылбон не 'нцайы дæ зард,
Мæн та мæхинымæр дæ мæт и,—
Цы зарыс? — рухс бонты дæ цард
Мæнау куы нæ уыдзæн дæргъвæтин...»
Ыскаст æм булæмæргъ бынæй,
Æнцадгай батылдта йæ базыр
Æмæ йæ дзыхыдзаг хъæрæй
Ныххудти халоны ныхасыл:
«Бæргæ, куы мын уаид цæрæн
Æнустæм рухс царды тæмæнты,
Фæлæ мæ иунæг бон дæр мæн
Цæрын хæдмæлхорæй нæ фæнды!»