Уайынц цæстыл мæнæ:
Абухгæ æрыдон,
Æмæ ныр æнæ мæн
Шахты чи ис, уыдон.
Дзурын сæм: «Мæн азым
Ма кæнут, æмбæлттæ...»
Худыны фæд хъазы
Хидæйдзаг цæсгæмттыл...
Дзурын сæм: «Сымахæй
Æз чысыл фæцух дæн,
Бафснайдтон мæ къахæн,
Слæгъз ысты мæ къухтæ,
Горæт ныр – мæ фысым
Згъоры дард æрыдон...
Фæлæ мысын, мысын
Æз сымах æрвылбон...
Æз куы дзурын цардыл,
Амонды фæрæзтыл,
Уæд сымах фыццагдæр
Ауайут мæ цæстыл...
Æмæ дæн сæрыстыр,
Бур кæттаг хæдоны
Уемæ æз кæй куыстон,
Хиды ад кæй зонын.