Кæуыл æрцыди цинад, хъыг,
Æппæтдæр чи бавзæрста царды,
Уый уæгъды не 'руадздзæн цæссыг,
Хъæрæй уый не скæудзæни мардыл.
Мæсыг нæ амайдзæн дзыхæй,
Нæ зæгъдзæн хъал лæгæй: «Тæхудйаг!»,
Ыстæй йæм ницæйы тыххæй
Æваст нæ фæзындзæни худæг.
Уый никуы бахæрдзæн мæнг ард,
Уый дард зын фæндагыл нæ кæлдзæн.
Куы уа йæхи зæрдæ æнкъард,
Уæддæр кæндзæн æмбæлтты хъæлдзæг...