МЫДЫБЫНДЗ
Ды федтаис, куыд тæхы
Уый быдырты уæрæхы,
Æмæ зыдæй куыд кусы
Сырх дидинæджы къусджы,
Уыдтаис – бур мыдадзы
Уый адджын мыд куыд уадзы..
Фæлæ ды федтай, барæй
Куы вæййы уый хъыгдарæг,
Уæд йе 'знаджы уæлфады
Куыд ныссадзы йæ фат уый,
Æмæ фæсхæст йæ уæлæ
Йæхæдæг дæр куыд мæлы?!