Дæ хæс цытджын æмæ егъау у,
Дæ фæндаг — даргъ æмæ дæрзæг...
Зæххыл дæм иу царды бар хауы,
æмæ у рухс фæндтæ хæссæг!
æцæг тох чи коæдта лæппуйæ,
Йæ фæстæ чи ныууагъта фæд:
Кæд зондæй нæ, уæд та — хъаруйæ,
Гъе уый ном не ссардзæн мæлæт.