МÆ ФЫДМÆ
Æз зонын, – цард дывæр кæй нæ у,
Æмæ кæй ницы ис дæлæуыл,
Фæлæ куы акæсын фæстæмæ –
Мæ сонты уæгъды сæфт рæстæгмæ,
Æмæ куы ауайыс мæ цæстыл
Ды хидвæллад æмæ фæлмæстæй,
Уæд ссудзын химидæг æфсæрмæй,
Æмæ мæ зæрдæмæ ныхъхъусын, –
Цыма дæ ингæны къæсæрæй
Дæ уайдзæф ауайы мæ хъустыл...