Æмæ хъуыды кæнын:
«Уæдæ цæмæн æмбæхсæм,
Мæ хæлæрттæ та ныр
Кæй аразынц чындзæхсæв?..
Æрфæндыд мæ, цæмæй
Æвзист фыстæй ныффыссой,
Нæуæг къæйттæ фæрнæй
Гуырæн бонау куыд мысой,
Куыд хоной уый сæ ард,
Куыд никæмæй уа сусæг:
«Уый æмæ уый сæ цард
Ысиу кодтой æнусмæ...»