ЦАРД ЗОНЫНЫ ТЫХХÆЙ
Æз куысты судзгæ монцимæ райгуырдтæн,
Бададтон æй мæ мады æхсыримæ.
Æз мæхи зонын райдыдтон
Хид хæдоны,
Кæронсаст æхсырфимæ.
Суанг мæ фыды дæргъæлвæс цыргъ цæвæгæй,
Уидыг къахæнæй айнæгдур къахæнмæ —
Фæд цæмæй нæй мæ къухтыл, æвæццæгæн,
Кусæн дзаумæттæй нал баззад ахæм.
Фæлæ царды 'фсон чи хаста царды хыз,
Чи нæ федта дæрзæг къухты ардуан,
Ахæм адæм мæм хатгай æрбаздæхынц:
Раст, дам, не 'мбарыс цардуаг.
æмæ хъуыддæгтæн се 'ппæтыл чи 'ххæссы!
Мæн цæмæдæрты хъуамæ нæ равдæлди...
Фæлæ царды уæз йе уæнтыл чи хæссы,
Уыдоны цардуаг зонын суанг авдæнæй.