БЫДЫРОН ХЪУЫДЫТÆ
Æз дæн, о саумæр зæхх,
дæ хуымриуæй æрвыст,
Дæу къахтон белгомæй,
Дæу даргъ рувæнæй хостон.
Ныр дæр æвдисæнæн мæ паспорты ис фыст
«Колхозон».
Æмæ дæ нæуу-тæрттыл æрæппæрстон мæхи,
Дæ судзгæ зæрдæйы уæззау улæфтмæ хъусын.
Æркъæдз мæ хæдсæрмæ æрфæны фæды хид,
Ныджджих æнусон арв — нæ мигъæмпъызт
цъæх мусонг.
Цæмæдæр дунетæ кæрæдзимæ тырнынц,
Фæдисон стъалытæ цымыдис цаутæ
скъæфынц...
Фæлæ æз мысын дæу,
Дæу — чи тауы пырындз
Æмæ сырхсыг мæнæу Галактикæйы
стъæлфыл!
Æз дæн, зæхкусæг лæг — дæ къæссы гуырд
хъæлæс,
Æмæ
Мæ улæфтау, мæ туджы змæлдау зонын:
Тахт дуне дунемæ.
Тох кодта Абон Сомыл,
Зыст
Паддзах паддзахмæ –
Дæ уæнтыл цыд йæ уæз.
Фæлæ дын зæхх цыма дæ хидвæллад
цъырдта,
Цыма дын суадæттæ æрæхсадтой дæ
уæнгрыст,
Ды уыйау не скодтай
Дæ тухитæ дзырддаг,
Сыгъдæгуд сабийау дæ сомбоныл æууæндыс!